Знон фыццæгæм сентябры – Зонындзинæдты бон нæ республикæйы æппæт скъолаты дæр цытджын æгъдауæй айзæлыдысты фыццаг дзæнгæрæджы зæлтæ. Фыццæгæм сентябры не скъолатæм бацыдис 800-йы бæрц фыццагкъласоны æмæ сыл сæ ахуыргæнджытæ æмбæлдысты стыр цины æнкъарæнтимæ. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ ацы аз сæ нымæц бæрæг фæфылдæр æмæ у æхсызгон хъуыддаг.

Фæззæджы æрбалæудимæ ацы нысаниуæгджын боныл нæ республикæйы æмбæстæгтæ кæддæриддæр сæмбæ-лынц стыр цины æнкъарæнтимæ. Не скъоладзау фæсивæд сæ сæрдыгон улæфты бонтæ æнæмæтæй æрвитгæйæ фыццæгæм сентябры цингæнгæйæ æмæ рог зæрдæйыуагимæ фæцæуынц се скъолатæм. Сæ хъæлдзæг худтæй æмæ цины хъæлæбайæ уынгтæ байдзаг вæййынц, фæцин кæнынц сæ ахуыр-гæнджытыл.

Республикæйы разамынад ацы бæрæгбонмæ сæхи развæлгъау кæй цæттæ кодтой, уымæ гæсгæ фыццæгæм сентябры нæ республикæйы æппæт скъолатæм дæр æрвыст æрцыдысты нæ Хицауады бæрнон кусджытæ. Республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали та сæ фæндаг акодтой Къуыдаргоммæ. Ацы комы скъолаты ахуыргæ-нинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ зæрдæ-бын арфæтæ бæрæгбоны цытæн райстой Президент Бибылты Анатолийæ.

Зонындзинæдты бон цытджын æгъдауæй банысан кодтой нæ горæты 6-æм астæуккаг скъола дæр. Йæ къæсæрæй фыццаг хатт сæ къах бавæрдтой 89 фыццагкъласоны рæсугъд скъолайон дарæсы. Уыдон стыр цинимæ скъолайы кæртмæ кодтой сæ ныййарджытæ æмæ сыл кæрты та æмбæлдысты райдиан кълæсты ахуыргæнджытæ, сæ фыццаг ахуыргæнджытæ. 6-æм скъолайы фыццагкъласонты адих кодтой æмæ дзы рауадис æртæ къласы. Фыццаг хатт чи æрбацыдысты скъоламæ, уыцы чысыл ахуыргæнинæгтыл цин кодтой хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ дæр.

Скъолайы бæрæгбонон мадзал байгом ис Хуссар Ирыстоны Гимны зæлтæм Паддзахадон тырыса уæлæмæ сисынæй. Ацы бон традицимæ гæсгæ фыц-цагкъласонтæн æмæ æппæт ахуыргæнинæгтæн дæр арфæйы ныхас загъта скъолайы директор Людмилæ Александрова æмæ банысан кодта, зæгъгæ, цард ахуыргæнинæгтæй домы хорз зонындзинæдтæ æмæ дæсныйæдтæ райсын, цæмæй нæ сомбон уа арфæйаг. Директоры цæст ма сын бауарзта бирæ хорз фæндиæгтæ æмæ фидар æнæниздзинад. Уый ма арфæ ракодта скъолайы уарзон ахуыргæнджытæй сæ иу, Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыр-гæнæг Джиоты Мария Федыры чызгы райгуырæн боны цытæн, афтæ ма 70 азы йæ педагогон архайдыл кæй сæххæст, уый.

Бæрæгбонон мадзалы ахуыргæнинæгтæн арфæйы ныхæстæ загъта РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр. «Зынаргъ ахуыргæ-нинæгтæ, зынаргъ ахуыргæнджытæ. Мæнæн абон тынг æхсызгон у Зонындзинæдты бон æз дæр уæ фарсмæ кæй дæн æмæ иумæ кæй нысан кæнæм ацы бæрæгбон. Уымæн æмæ 6-æм астæуккаг скъола мæнæн у мæ уарзон скъола. Æз ахуыр кодтон ам æмæ мæнæ абон сымах куыд лæуут, афтæ æз дæр ме ‘мкъласонтимæ, фыццагкъласонтæй 40 азы размæ 1977 азы лæууыдыстæм бæрæгбонон линейкæйы. Ацы рæсугъд бæрæгбоны цытæн зæрдæбын арфæ кæнын уеʻппæтæн дæр. Сымахæн разæй ис, уæхиуыл кусын æмæ архайын кæм хъæуы, ахæм цымыдисон ахуыры аз. Уымæ гæсгæ уын мæ зæрдæ зæгъы æнæ- низдзинад, стыр æнтыстытæ, ахуыр уын æхцондзинад цы хæсса. Ноджыдæр арфæгонд ут Зонындзинæдты бонæй», – загъта Медойты Димитр. Уый ма сæрмагондæй арфæ ракодта Мария Федоры чызгæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Зонындзинæдты боны цытæн уагъдцæуæг мадзал ма барæсугъд кодтой ацы скъолайы ахуыргæнинæгтæ музыкалон номыртæй, бакастысты æмдзæвгæтæ. Дарддæр æмдзæвгæтæ скъолайы тыххæй бакастысты фыццагкъласонтæ дæр. Мадзалы кæрон ахуыргæнинæгтæн айзæлыдысты фыццаг дзæнгæрæджы зæлтæ æмæ уый фæстæ ахуыргæнинæгтæ атындзыдтой сæ ног цалцæггонд кълæстæм. Фыццагкъласонты та кæрæдзи къухтыл хæцгæйæ сæ ахуыргæнджытæ бакодтой сæ кълæстæм.

Цхуырбаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.