Куыд горæт Цхинвалы, афтæ нæ республикæйы алы район дæр цытджын æгъдауæй банысан кодта ногазон бæрæгбон æмæ афтæмæй аккагæй сæм-бæлдысты сæ Ног азыл. Фæстæ нæ фæлæууыдысты Знауыры районы администрацийы культурæйы хайады кусджытæ Тедеты Нонæйы сæргълæудæй.

Уыдон сывæллæттæн сорганизаци кодтой зымæгон изæр. Культурæйы хæдзармæ æрбамбырдуæвджытæн æвдыст æрцыд аргъау «В гостях у Бабы Яги и Кощея», кæнæ та «В посках Деда Мороза». Кæй зæгъын æй хъæуы, аргъауы вæййы куыд æвæрццаг, афтæ æппæрццаг фæлгæндзтæ дæр. Хæрамзæрдæтæ къулбадæг ус æмæ кощей хъавыдысты сывæллæттæн сæ ногазон бæрæгбон фехалынмæ. Уыдон скодтой Митын Дада æмæ Митын Чызджы уæлæдарæс æмæ афтæмæй хъуамæ сæхимæ æрбасайтаиккой сывæллæтты. Фæлæ сын сæ сау фæнд сæххæст кæнын нæ бантыст, уымæн æмæ бæрæгбонмæ фæуазæг æцæг Митын Дада æмæ алкæмæн дæр бакодта ногазон лæвæрттæ. Æппæрццаг фæлгæндзтæ къулбадæг ус æмæ кощей дæр лæвæрттæ куы райстой, уæд сæ зæрдæтæ фæфæлмæндæр сты Митын Дадайы хъарм æмæ рæвдыд ахастæй.

Зымæгон аргъауы хъазыдысты Знауыры районы драмон къорды архайджытæ. Уыдонæй алкæцыдæр йæ роль сæххæст кодта тынг хорз, куыд æцæг артист, афтæ. Бæрæгбон æрмæст аргъауыл нæ фæцис. Уый фæстæ сывæллæтты ракодтой Знауыры районы сæйраг Назбæласы цурмæ æмæ сын уым бакодтой ногазон лæвæрттæ. Сывæллæттæ кафыдысты, зарыдысты æмæ кастысты æмдзæвгæтæ. Ногазон бæрæгбон рауад зæрдæйы фæндиаг. Бæрæгбонмæ æрбацыд Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Рустам. Уый зæрдæбын арфæтæ ракодта Ног азы цытæн, куыд Знауыры районы цæрджытæн, афтæ æмткæй республикæйы цæрджытæн дæр. Бафæндыд æй уыдонæн царды æппæт хæрзиуджытæ. «2016 азы нæ хъуыддæгтæ ацыдысты хорз. Хуыцау зæгъæд æмæ нын 2017 азы ноджы æнтыстджындæр аз цы фæуа. Бирæ хорздзинæдтæ нын æр-хæссæт», – загъта уый

Тедеты Нонæйы ныхæстæм гæсгæ ма Ног азмæ бацæттæгонд зымæгон аргъау  æвдыст æрцæудзæн 13-14 январы Терегуан æмæ Хъорнисы хъæуты культурæйы хæдзæртты.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.