Æрæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста Гасситы Æхсары нывты равдыст байгом кæныны, кæцы арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны Адæмон нывгæнæджы 90 азы сæххæсты цытæн. Равдыст сарæзта УФ-йы РХИ-йы минæварад Мæскуыйы Уæрæсейаг аивады музейы.

Мадзалы хайад райстой Уæрæсейы Сирийы минæварды, РЦИ-Аланийы æдзухон минæварады минæвæрттæ.

Юбилярæн арфæ кæнгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта йе стыр хайбавæрд аивадмæ.

«Мæнæн тынг æхсызгон у нæ Адæмон нывгæнæджы равдыст кæй байгом. Æхсар Измаилы фырты куыстыты æвдыст цæуы йæ зын царды фæндæгтæ, йæ уды сконд æмæ йæ хъуыдыкæнынад. Ныфс мæ ис, махæй алчидæр æхцондзинад кæй райсдзæн йæ куыстытæй».

Бибылты Анатоли Гасситы Æхсары схорзæхджын кодта «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майданæй.

Президент бузныджы ныхæстæ загъта Мæскуыйы Хуссар Ирыстоны минæварадæн мадзал саразын, æвзонг курдиæттæн æххуыс æмæ ирон нывгæнджыты бынтæ популяризаци кæныны тыххæй.

Сфæлдыстадон изæрмæ æрба-цæуджыты раз ралæууыд«АЗАР МА!»-йы сценамæкæсджыты хъæлæ-сæппæрсты уæлахиздзау Джиоты Любæ.

Гасситы Æхсары куысты равдыст уагъд цæудзæн 5 июнмæ.

РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.