Гæбæраты Ильяйы райгуырдыл сæххæст 90 азы

Гæбæраты Илья Гаврилы фырт ирон музыкалон аивадмæ бацыд, куыд зынгæ композитор, афтæ æмæ йæ уацмыстæ аккаг бынат бацахстой музыкалон аивады хæзнадоны. Йæ номимæ баст у национ симфони, оперæ æмæ камерон вокалон музыкæйы фидардзинад æмæ размæцыд. Уый уыд композитор æмæ музыкалон-æхсæнадон архайæг. Илья райгуырд Хуссар Ирыстоны Сахизары хъæуы 1926 азы 1 сентябры. Райдианы музыкæйы хаххыл ахуыр кодта музыкæйы стыр дæсны æмæ педагог Галаты Барисмæ, хуызфыссынады хаххыл та – Сталиниры студийы, йæ ахуыргæнæг уыд Тугъанты Махарбег. Фæлæ фидæны композиторы уæддæр тынгдæр йæхимæ æлвæста музыкæ æмæ кæ-ронмæ æрлæууыд уыцы зын, фæлæ арфæйаг фæндагыл. 1939-43-æм азты куыста æмæ архайдта Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамблы оркестры. 1943-45-æм азты та разамынд лæвæрдта Хуссар Ирыстоны музыкалон хæдархайгæ коллективтæн æмæ йын уыцы хъуыддаджы дæр уыд зынгæ æнтыстытæ. Фæлæ æвзыгъд музыкант æмбæрста ахуыры ахадындзинад æмæ 1949 азы каст фæци Ленинграды цур музыкалон ахуыргæнæндоны теоретикон-композиторон хайад, цыран ын йæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй амыдта Уствольская Г. И. 1954 азы та каст фæци Ленинграды консерваторийы композицийы кълас профессор Х. Л. Кушнаревмæ.

Ахуыры фæстæ æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ йæ тыхтæ радта сфæл-дыстадон æмæ æхсæнадон куыс-тмæ. 1987-1991-æм азты уыд ЦИАССР-йы Композиторты цæдисы правленийы Сæрдар. Растдæр уыцы азты куыста композициимæ райдайгæ æмæ хæдархайгæ автортимæ, фыста æмæ йын мыхуыры цыдысты критикон уацхъуыдтæ дæр. Гæбæраты Ильяйы зарджытæ «О, нана!» (Цæгæраты Г. ныхæстæ), æмæ «Песня моя, Иристон» (Налбандян А. ныхæстæ) Ирыстоны систы тынг популярон æмæ рагæй фæстæмæ нымад цæуынц республикæйы æнæофициалон гимнтыл. Бæрзонд профес-сионализм, националон хæдбындурдзинад, æмбæстагон пафос æмæ арф мидисæй æххæст сты композиторы иууыл хуыздæр уацмысты хиæдтæ, сæ эмоционалон тых.

«Ирон рапсоди»-йы фыццаг симфони фыст у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстонты цытæн. 1960 азы ирон аивæдты декадæйы концерты йæ сæххæст кодта Цæгат Ирыстоны симфонион оркестр, дирижер Павел Ядых. Симфонийæн критиктæ скодтой стыр аргъ, йæ рецензийы композитор Григол Шантырь фыста, зæгъгæ, фыццаг тактæй хъусæджы хъусдард йæхимæ здахы Гæбæраты Ильяйы симфони. Тынг хорз у йæ фыццаг хай. Симфонийы ацы хайы лирикон фæлгæндзтæ сæ аивдзинад æмæ æргомдзинадæй сæхимæ æркæсын кодтой музыкæуарзджыты. Сфæл-дыстадон, оркестрон æмæ гармонион «гуырахстæй» зæлынц Гæбæрайы фырты популярон адæмон мелодитæ «Ханты цагъд», «Зилгæ» (Фыццаг рапсоди), «Æфсати» (Дыккаг рапсоди), «Нæртон симд» (Æртыккаг рапсоди). Ильяйы æртæ оперæйæ дыууæ – «Азау» æмæ «Олланæ»-йæн сценæйыл уыд амондджын хъысмæт. Фыццаг оперæ æвæрд æрцыд æртæ хатты (1968, 1982 æмæ 1992 азты), дыккаг оперæ та æнтысгæйæ æвдыст æрцыд Мæскуыйы. Гæбæраты Ильяйы музыкæйы зæлтæ зæлыдысты Цæгат Ирыстоны драмон театры æвæрд спектаклтæ «Медея», «Сау чызг», «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ», «Фыццаг цæф», «Амран», «Уарзон зарæг» æмæ æндæрты. Гæбæраты И. ма сфæлдыста ахæм уацмыстæ, куыд оперæтæ « «Азау» – æртæархайдон, «Бонвæрнон», вокалон-симфонион уацмыстæ «Мах фидыдады тыххæй», поэмæ «Адæймагæн», «Мæ райгуырæн бæстæ»;  оркестрон уацмыстæ: симфони «Нарты Батрадз», поэмæ «Фæллойы тыххæй», «Хъайтарон увертюрæ», сюитæтæ «Фæсивæдон», «Ирыстоны фырт», вокалон-хорон уацмыстæ «Тохы зарджытæ», «Сывæллæтты авд зарæджы», романстæ «Хæхтæ фынæй кæнынц», «Фырт», «Фæцæуын дæм», «О, нана», поэмæ «А-лол-лай», «Песня моя, Иристон». Уымæй дарддæр ма ныффыста музыкæ дæсæй фылдæр кинофильмтæн, уыцы нымæцы сты «Сын Иристона», «Чермен» æмæ æндæртæ.

Гæбæраты Ильяйæн йæ бирæазон æмæ æвæллайгæ сфæлдыстадон куысты тыххæй 1968 азы лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны Аи-вæдты сгуыхт архайæджы ном, 1976 азы та ахæм ном райста Советон Цæдисæй. 1954 азæй уыд Советон Цæдисы Композиторты цæдисы уæнг. Фæзиан 1993 азы 1 марты горæт Дзæуджыхъæуы.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.