– 2008 азы гуырдзиаг агрессортæ мæнгардæй куы æрбабырстой нæ тохвæллад Ирыстонмæ, уый мæ  райдианы уырнгæ дæр нæ бакодта. Хъуыды кодтон, 2004 азы куыд уыд, афтæ та цалдæр бонмæ хæст фæсабыр уыдзæн. Æцæг нæм рынчындонмæ августы райдианæй, æрвылбон дæр хауд 4-5 нæмыгæй æхст адæймаджы. Мæ бинонтæ се ‘ппæт дæр ам уыдысты, кæд бирæты эвакуаци кодтой, уæддæр. Æз дæр-иу радгæс куы уыдтæн, уæд ссыдтæн рынчындонмæ. 7-æм августы Саакашвили телеуынынады куы радзырдта, зæгъгæ, Гуырдзыстон Ирыстонмæ не ‘рбабырсдзæнис æмæ куы сидтис хæстон архайдтытæ æруромынмæ, уæд загътон, зæгъын ныр райсом мæ рад баивдзынæн æмæ хæдзармæ улæфынмæ ацæудзынæн. Фæлæ… 12 августмæ рынчындоны баззадтæн.

Уæд æмæ ныр дæр арæх фæхъуыды кæнын, – Ныгуылæн бæстæтæй Гуырдзыстоны чи хъахъхъæны, сæ демократи æмæ сын сæ гуманизмæй чи феппæлы, уыдон иу хатт афтæ цæмæннæ ахъуыды кодтой, бар кæмæн нæй, уыцы системæтæ «Град» æмæ «Ураган»-æй æнæрлæугæ куы æхстой, рынчындоныл бомбæтæ куы калдтой, уæд сын макæ зæгъæг куыд нæ разынд? Уыдон æппæт бартæ фехалгæйæ дæр тырнынц, цæмæй фæстæмæ ирон адæмы сæхи сконды бакæной, цагъартæ сæ саразой чысылæй-стырæй. Уымæн æвдисæн 2008 азы хæстон операци. Йæ кодон ном «Сыгъдæг быдыр».

Хæсты бонты дохтыртæ иууылдæр иумæ уыдыстæм, рынчындоны ныккæнды. Стыркалиброн хæцæнгæрзты гыбар-гыбурæй къултæ рызтысты, сыгъдысты хæдзæрттæ нæ алыварс, æнкъуыстис зæхх, хатт-иу мæм афтæ фæкаст, цыма æцæгдæр Армагеддон райдыдта. Уымæл ныккæнды цырагъы рухсмæ операцитæ кодтам. Рынчынæй, медицинон кусæгæй, – иууылдæр кæрæдзийæн ныфсытæ æвæрдтам æмæ куывтам Хуыцаумæ, цæмæй нын нæ удтæ æмæ нæ хæстон лæппуты аирвæзын кæна.

8-æм августы бон куы æрбацъæх, уæд рынчындоны кæрты айзæлд стыр срæмыгъд. Уый гуырдзиаг фашисттæ спырх кодтой рынчындонмæ цæф хæстоны чи æрбацæйскъæфта, ахæм лæппуйы машинæ. Машинæ куы сыгъд, уæд шофыр æддæмæ рагæпп кодта. Йæхæдæг дæр фæцæф, фæлæ уæддæр тыхамæлттæй цæф лæппуйы машинæйæ раласта. Йæ ном мæ ферох, фæлæ кæй æрбаласта, уый фервæзт, йæ ирвæзынгæнæг та амард. Нæ республикæйы æмткæй уæд кæд уыдаид 20 мины бæрц адæймаджы, афтæмæй та гуырдзиаг контингент 30 минæй къаддæр нæ уыдис. Абон дæр ма хъусты зæлы гуырдзиаг танкы гыбар-гыбур, стæй сæ гуыппытæй зæхх куыд æнкъуыст, уый. Мах фенхъæлдтам, зæгъгæ, Уырысы æфсад æххуысмæ æрцыд æмæ дохтыртæ дæр æмæ рынчынтæй дæр йæ сæрæн чи уыд, уыдон цин кодтам.

Фæлæ уый æппæт фашистон фистæг æфсад гуырдзиаг æвзагыл дзургæ куы цыдысты уынгты, уæд бамбæрстам, горæт кæй бацахстой. Нæхицæн дзырд радтам, цалынмæ нæм рынчындонмæ не ‘рбацæуой, уæдмæ нæ куыст кæндзыстæм. Рынчындон чи хъахъхъæдта, уыцы лæппутæм ницы уадиссаг æхсæнгæрзтæ уыд. Иу лæппу дзы рог цæф фæцис æмæ нæм æй йе ‘мбал ныккæндмæ æрбакодта, мах ын йæ цæф бабастам æмæ аздæхт фæстæмæ йæ постмæ. Иу рæстæджы ныккæндæй схызтæн, операцион æрмæджытæ хъуамæ æрхастаин, горæты цы хæдзæрттæ сыгъдысты, уыдонæй цы сыгъдхъæстæ сымаг калд, уымæй фæцæй хуыдуг кодтон, хуылыдз гæппæл мæ фындзыл сæвæрдтон æмæ афтæмæй ссардтон, цы æрмæджытæ мæ хъуыд, уыдон хайады. Æхст иу уысм фæсабыр æмæ фехъуыстон гуырдзиаг хъæр – «Тæрсаг, тæппуд ирæттæ, рахизут!». Тынг бирæ уæззау рынчынтæ нæм æрбакалдтой. Бестауты Айвар æмæ Медойты Вадимæн цас бантыст, иу операци-иу нæма фесты, иннæмæ гæпп кодтой. Иу уæззау цæф нæм æрбаластой, цæгатирыстойнаг, Æгъуызартæй, 6-æм скъолайы раз фæцæф. Бирæ туг фесæфта, фыццаг æххуыс ын ничи бакодта, æвæццæгæн, æм æввахс ничи уыд. Операци скæнæн ын нал уыд, тынг ын бахъуыды кодтон йе ‘нкъард цæстытæ. 8-æм августы нæм æрбахауд дыууæ журналисты – сæ иу  америкæйаг, иннæ гуырдзиаг. Уæззау цæфтæ уыдысты уыдон дæр, фæлæ сабыр дардтой сæхи. Барадхъахъхъæнæг органтæ сæ æрбаластой, фæлæ сыл зынд, кæй сæ нæ бахъыгдардтой, Æфсæддон къамисариаты разæй, дам, сæ ракодтам. Америкæйаг журналист йæхи «Мессинджер» газетæй рахуыдта. Куыд дзырдтой, афтæмæй нæ горæтмæ Эргнетæй æрбахызтысты. Гуырдзиæгтæ сæ федтой, горæт, дам, систам, ныр, дам, уый мах у, бахизут æмæ, дам, сисут нывтæ. Мах сæм мæсты кодтам, фæлæ Гиппократы ардбахæрд нæ фехæлдтам, сæ хъæдгæмттæ сын бабастам. Уый фæстæ бон дæр нæм ноджы дыууæ уацхæссæг æрбахауд. Сæ иу Чулухадзе, иннæ Украинæйæ. Æз æй куыд бамбæрстон, афтæмæй сæхиуæтты нæмгуытæй фæцæф сты. Сæ дыууæ дæр амардысты, уæззау цæфтæй. 9-æм августы нæм тынг бирæ æрбахауд Уырысы æфсады салдаттæй – сахаты мидæг 20 хæстоны. Иуæй-иутæ дзы операцион тæрхæгмæ дæр нæ бахæццæ сты. Сæ иутæ бынтон æвзонг… Фæлæ иууыл диссаг та нæ сылгоймаг медицинон кусджытæ уыдысты, иуы цæсгомыл дæр дзы нæ уыдтон паникæйы нысæнттæ. Алчидæр йæ куыст æххæст кодта сабырæй. Æрмæст-иу исчи куы амард, уæд-иу сæ цæстытæ нал сур кодтой, æнæсымæй куыдтой.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.