Октябры мæйы хурбонтæ кæй  ахаста, уымæ гæсгæ хъæуты цæрджытæ æмæ ма горæты дæр цæхæрадæттæ кæмæн ис, уыдонæй бирæтæ бафснайдтой сæ зæххы фадгуытæ.  Хус сыфтæртæ æмæ быдыртыл бафтауынц арт. Хатт зынг расайы фыдбылыз æмæ хъуамæ, гæнæнуæвгæйæ, алчидæр  цырддзаст уа, къæрцхъус. Куы бахъæуа, уæд та хъуамæ афоныл фæдзура зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн службæтæм. Науæд та цалынмæ уыдон æххуысмæ зыной, уæдмæ бацархайа зынджы ныхмæ тох кæнын æмæ йæ афоныл ахуыссын кæныныл. Зынг-сирвæзты аххосæй ивгъуыд аз нæ республикæйы æмæ районты цы фыдбылызтæ æрцыд, уый йæ зæрдыл хъуамæ лæууа алкæмæн дæр.

Нæ республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады зынгхуыссынгæнæн  фадыджы хайады хистæры хæдивæг, дæлбулкъон Чысиаты Ирбег нын куыд радзырдта, афтæмæй та октябры мæйы сцырын сты зынгсирвæзты цаутæ. Æцæг, раздæрау стыр фыдбылызтæ нæ расайдтой. Фæлæ вæййы афтæ дæр æмæ цалынмæ зынгхуыссынгæнджытæ бынатмæ нæ бахæццæ вæййынц, уæдмæ зынг расайы дзæвгар материалон зиæнттæ. Æрæджы нæ горæты цæрæг йæ цæхæрадоны хус кæрдæджытæ ссыгъта, зынг æгæр сцырын æмæ йæ сыхæгты цæхæрадонмæ дæр бахызт, уым та уыд арæзтадон æрмæджытæ æмæ цалынмæ нæ бригадæ хæццæ кодта, уæдмæ фæйнæджытæ цъыбыртты сыгъд баисты. Сыхæгтæн уыцы исбон бахъуыд бафидын æмæ уымæй зиан æрхастой сæхицæн дæр. Чысиаты Ирбег ма куыд загъта, афтæмæй зынгсирвæзты фыдбылызтæ арæх æрцæуынц æнахъомты аххосæй дæр. Нæ горæты, дам, бирæ ис зæронд, æнæхъусдардæй чи баззад, ахæм хæдзæрттæ. Уыцы бынæтты хатт фæхъазынц æнахъомтæ. Бафæлварынц дзы истытæ ссудзыныл. Арты гуылфæнтæ сæхи хæрдмæ куы сисынц, уæд лидзынмæ фæвæййынц. Зынгсирвæзт рæстæгыл куыннæ ахуыссын кæнынц, уæд басудзынц, хæстæг сæм цы электроны рухсы хæххытæ цæуы, уыдон дæр. Афтæмæй тæссаг у, исты срæмыгъдтытæ куы æрцæуа æмæ фылдæр фыдбылызтæ куы расайа, уымæй. Хатт чидæртæ быдыры фæцæйцæугæйæ аппарынц хус кæрдæгыл спичкæ хорзау сæм кæй кæсы, уыцы хъуыддаг, уый нысанæн. Кæрдæг судзгæ-судзгæ ацæуы æмæ басудзынц дыргъбæлæстæ дæр. Бирæтæ йæ фæрсты ацæуынц, фæлæ зынгсирвæзт мурмæ дæр не ‘рдарынц. Иугæр куы сытынг вæййы, æрмæстдæр уæд фæдзурынц махмæ. Хатт æгæр байрæджы вæййы, зынджы амæттаг бавæййынц æнæ-хъæн гектартæ. Зынгсирвæзтытæ арæх æрцæуы хъæуты дæр. Раст у алы районы дæр ис зынгхуыссынгæнæн хайадтæ, фæлæ æгæр стыр масштабты куы вæййы зынгсирвæзт, уæд нæм æххуысмæ фæдзурынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, горæтæй бригадæ ацæуы, фæлæ уыцы-иу рæстæг зынгсирвæзтытæ вæййы цалдæр раны æмæ уæд машинæтæ нал фæфаг кæнынц.

Уый ма нын радзырдта, ацы бонты нæ горæты Текстилы районы цы цау æрцыд, уый тыххæй дæр. Уым хисæрмагонд хæдзары цæрæг бафснайдта йæ цæхæрадоны хус сыфтæртæ æмæ сыл арт бафтыдта. Фæлæ уалынмæ къæвда уарын райдыдта. Арт ахуыссыд æмæ йæ пиллоны тæфмæ сыхæгтæ хуыдыг кæнын райдыдтой. Специалисттæ, кæцытæ кусынц хъæууон хæдзарады фадыджы, æмæ экологтæ сыфтæрты судзыны тæссагдзинад раджы сбæлвырд кодтой. Уынгты сыфтæртæ æмæ кæрдæг кæй судзынц, уый бирæтæн сæ улæфæнтæ хъыгдары, æндавы æнæниздзинадыл. Цæмæй сæ судзын ма хъæуа, уый тыххæй скъахын хъæуы дзыхъхъ, уым æрæмбырд кæнын хъæуы сыфтæртæ æмæ сæ стæй уый фæстæ бамбæрзын хъæуы сыджытæй. Цæмæй дзы рауайа æрдзон хъацæн зæххæн. Уымæй мах бахъахъхъæндзыстæм æрдзы сыгъдæгдзинад  дæр.

Чысиайы фырт ма куыд загъта, афтæмæй фыццаг фадыджы æдæппæт ис  70 адæймаджы. Уыдон хъуамæ иууылдæр уой цæттæ экстремалон уавæрты æмæ физикон æгъдауæй та уой хъæддых. Уымæ гæсгæ сын сæ  цæттæдзинадмæ цæуы бæрæг хъусдард. Хатт зынгсирвæзтытæ æрцæуы бирæуæладзыгон хæдзæртты. Зынгхуыссынгæнджытæм цы 30 метры бæрзæнд асин ис, ууыл тыхст рæстæджы сæ бон хъуамæ суа адæймаджы бынмæ æрхизын кæнын. Зынгхуыссынгæнæг фæлтæрд æмæ хъаруджын куыннæ уа, уæд никæйы фервæзын кæндзæнис ахæм уавæрты. Зынгхуыссынгæнæн службæйы ма нын куыд загътой, афтæмæй  уыдон арæх фæуадзынц профилактикон беседæтæ скъолаты, Мидхъуыддæгты министрады æнахъомты хайады сывæллæтты ныййарджытимæ дæр æмæ ма цæрджытæн сæхиимæ дæр, цæмæй арæхстгай архайой зынгимæ æмæ кæд æвирхъау цаутæ фæзына, уæд та фехъусын кæной мæнæ ахæм телефонтæм:

112, 45-18-00,

8 929-810-10-01

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.