23-æм февралы куыд Уæрæсейы, афтæ та Хуссар Ирыстоны дæр цытджын æгъдауæй банысан кæндзысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Уæрæсе нæ дыккаг Райгуырæн бæстæ æмæ не стратегион партнер кæй у, уымæ гæсгæ мæ æрдзурын фæнды Уæрæсейы зынгхуыст хъайтартæй дыууæйы сгуыхтдзинæдты тыххæй. Уымæй дæр сæ  иу – Хабибуллин 2008 азы августы хæсты рæстæджы йæ хайбаврæд бахаста Хуссар Ирыстоны территори гуырдзиаг тыхæйисджытæй асыгъдæг кæнынмæ. 2021 азы 3-æм февралы, Уæрæсейы  хъайтары амæлæтыл æртæ азы сæххæсты бон Сирийы Хмеймимы  Роман Филиповæн æвæрд æрцыд цырт.

 «Роман Филипов йæ цард снывонд кодта хæрзаудæн хъуыддагæн – нæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынæн. Уый йæ хæдтæхæг сæдæ хатты стæхын кодта арвмæ, йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнгæйæ, удуæлдайдзинад, æхсардзинад æмæ бæрзонд профессионализм равдисгæйæ. Хмеймимы базæйы йын мыййаг æнæнхъæлæджы æвæрд куынæ æрцыд цырт. Ам хъахъхъæд цæуы сæйраг мысынад, ам адарддæр кæндзысты се службæ Романы æмслужбæгæнджытæ æмæ йын мысдзысты йæ ном, уыдзæн сын хъæбатырдзинады цæвиттон», – банысан кодта Сирийы УФ-йы Гарзджын тыхты къордыл командæгæнæг Алексей Чайко цырт гом кæныны рæстæджы. Ивгъуыд аз та  хъайтар цы бынаты фæмард, уым æвæрд æрцыд мемориалон фæйнæг.

2018 азы 3-æм февралы боны дыккаг æмбисы Сирийы уæрæсейаг майор Роман Филипов йæ диссаджы æхсардзинадæй дисы баппæрста æнæхъæн дунейы. Æгæрыстæмæй, Сербийы президент Александр Вучич фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ адæмы номæй фыстæг ныффыста Роман Филиповы бинонтæм, цыран дзырдæуыд, зæгъгæ, уæрæсейаг тæхæджы сгуыхтдзинад дисы баппæрста сербиаг адæмы.  Филиповы адресыл æппæлæн ныхæстæ нæ бавгъау кодтой, æгæрыстæмæй, америкæйæгтæй  дæр бирæтæ. Уæрæсейы йæ абарстой Мотросовимæ. Уымæн йæ амæлæты размæ йæ фæстаг ныхæстæ – «Это вам за пацанов», зæгъгæ, систы базырджын æмæ зынгæ фразæ, фехъуыстой сæ æнæхъæн дунейы. Йæ ацы фæстаг ныхæстæ фыст æрцыдысты йæ цыртыл дæр.

Уыцы бон, 3-æм февралы Идлибы деэскалацийы зонæйы æхстытæ æруромыны режимыл контроль кæныны тыххæй атахт æххæст кæнгæйæ, майор Роман Филипов цы штурмовик Су-25 СМ-ыл тахт, уый  Маасараны хъæуы районы пысылмон къорд «Джейш ан-Наср»-ы уæнгтæ фехстой хæсгæ зенитон ракетон комплексæй. Тæхæг фæлвæрдта хæдтæхæджы уæлдæфы бауромыныл æмæ афтæмæй фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ сатакæ кодтой ракетæйæ. Фæлæ уæдмæ къуыхцытæ райдыдтой хæдтæхæджы управлениимæ æмæ майоры бахъуыд йæхи парашютыл зæххмæ æруадзын, фæлæ йæ уыцы рæстæджы террористтæ райдыдтой  комкоммæ æхсын. 33 аздзыд Романæн йæ бон бацис æрбадын, фæлæ знаджы территорийыл. Æрæмбæхст  æмæ йæ уавæры тыххæй  фехъусын кодта Хмеймимы агурæн-ирвæзынгæнæн службæмæ. Цыдæр рæстæджы тæхæг æхста террористты æрмæстдæр æм цы иунæг пистолет уыд, уымæй. Фæлæ йæ фæстагмæ бахъуыд йæхи гранатæй спырх кæнын. Уый знæгтæм амынтæй бахауыны бæсты хуыздæрæн равзæрста кадимæ мæлæт. Гранатæйы срæмыгъды фæстиуæгæн ма йæхицæй дарддæр фæмард сты æввахс æм цы цалдæр боевикы бацыдысты, уыдон дæр.

2018 азы 8-æм февралы Роман Филипов æфсæддон цытимæ ныгæд æрцыд йæ райгуырæн горæт Воронежы Кады аллеяйы. Уый уыд штурмон авиацийы иттæг хорз специалист. Уыд фыццаг квалификацион разряды æфсæддон тæхæг.

Æвзонг майорæн йæ амæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы хъайтары ном. Калининград æмæ Владивостокы йæ номыл схуыдтой уынгтæ, Воронежы цы астæуккаг скъолайы ахуыр кодта, уый хæссы Роман Филиповы ном.

Роман Филиповы бюсты цур ма лæууы Уæрæсейы хъайтар, булкъон Ряфагат Хабибуллины цырт. Уый дæр фæмард Сирийы  Пальмирамæ æввахс 2016 азы 8 июлы йæ вертолетыл хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы. Йæ фæстаг атахты булкъон Хабибуллин ифтонг кодта сирийаг æфсады вертолетты хъахъхъæдад, кæцытæ атакæ кодтой боевикты позицитæ. Уымæн  йæ бон уыд тохæй рацæуын, фæлæ куы бамбæрста æнæ йе ‘ххуысæй фæмард уыдзысты йæ хæстон æмтохгæнджытæ, уæд бацыд тохы цæхæрмæ æмæ… Хабибуллинимæ ма йæ фæстаг атахт сарæзта тæхæг-инструктор Евгений Долгин дæр.  Æнæофициалонæй цыртытæ цы бынаты сты, уый ныридæгæн хонынц Кады Аллея. Ацы аз 3-æм февралы æфсæддон службæгæнджытæ маршæй рацыдысты, Уæрæсейы дыууæ хъайтарæн кад кæнгæйæ.

Ряфагать Хабибуллин

Уый райгуырд Ульяновскы областы. Ахуыр кодта Æфсæддон-уæлдæфон академийы, кæцыйы каст фæцис 2005 азы. Уымæй æртæ азы фæстæ, 2008 азы августы Хабибуллин хайад иста Гуырдзыстоны фидыдадмæ æркæныны операцийы. 10 августы уымæн хæстон хæс бакодтой уæлдæфон развæдсгæрст уадзыны æмæ сæрмагонд нысаниуæджы развæдсгарæн къорды цæрæн пункт Гуры хуссар-ныгуылæн хайы раргъæвыны тыххæй. Ряфагат йæ Ми-8 райдыдта ныхмæлæууæджы развæдсгæрст Гурмæ цæуæг  автофæндаджы алыварс. Ацы районмæ бацæугæйæ сæвзæрд ныхдуртæ къорды раргъæвыны фæдыл бæрзæндтæ тархъæдæй æмбæрзт æмæ ныхмæлæууæгмæ æввахс кæй уыдысты, уымæ гæсгæ. Хабибуллин уæлдæфæй равзæрста фæзуат æмæ дзы æрбадт йæ галиу цалхыл ныхмæлæууæджы æхстыты бын. Къорды рахизын кæныны фæстæ уый стахт æмæ борты хæцæнгæрзтæй æхсгæйæ, ныхкъуырд лæвæрдта знæгтæн, сифтонг кодта развæдсгарæн къорды æдасдзинад. Ряфагаты архайдтыты фæрцы развæдсгарæн къорд бацахста стратегион бæрзæндтæ кæд сæ ныхмæлæууæг тыхджын æхст кодта, уæддæр. Фæстæмæ Дзаумæ куы раздæхт уæд йæ верттæхæгыл уыд аст нæмыджы хуынкъы. Уыцы бон уый сарæзта фондз хæстон атахты. 2008 азы 11-æм августы Уæрæсейы 58-æм армийы дæлхæйттæ рацыдысты Шиндисы здæхты æмæ æнæнхъæлæджы бæрзæндтæй сæ иуы ‘рдыгæй мотоæхсджытæ бахаудтой ныхмæлæууджы тыхджын æхсты бын. Хабибуллин, кæцы уыцы рæстæджы уыд уæлдæфы сбæрæг кодта ныхæмлæууæг цы бынатæй æхста, уый æмæ сын сæ позицитæ раст цæф ныккодта ракетæтæй. Бæрзонд профессионализм æмæ фæндвидардзинад равдисгæйæ, булкъон ныцъист кодта агрессоры æхсæн бынæттæ, æмæ афтæмæй бахъахъхъæдта 58 армийы дæлхæйтты æфсæддон службæгæнджыты цард.

Хæстон архайдтыты активон фазæ фæуыны æмæ Хуссар Ирыстонæй уæрæсейаг æфсæдты раконды фæстæ, йæ хæстæ сæххæстгæнæг, Хабибуллин баззад уым аиацион къорды хистæрæй. Сæ базæ уыд Дзаумæ æввахс вертолетон фæзуатыл. Уым дæр йæ разылæууæг хæстæ æххæст кодта цæсгомджынæй. Фæлæ йæ уый фæстæ йæ хъысмæт ахаста Сирийы зæххмæ, цыран ссардта йæ мæлæт дæр. Фæлæ баззад йæ Ном – верттæхæг Хабибуллин, Уæрæсейы хъайтар, адæймаг, кæцы йæ цард нывондæн æрхаста йæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау, уадз, дард фæсарæнты, цæмæй йæ хæдзармæ ма ‘рбацæуа хæст.

Ацы æвзонг хъайтарты сгуыхтдзинадимæ базонгæйæ, мæ зæрдыл æрлæууыдысты фыссæг Николай Островскийы ныхæстæ – «Человеку жизнь дается один раз и надо прожить ее так, чтобы не было мучительно больно за бесцельно прожитые годы, чтобы умирая мог сказать, что все силы и знания были отданы самому прекрсному на свете – борьбе за освобождение человечества». Советон Цæдисы рæстæджы фыссæджы ацы ныхæстæ зыдта алкæцы фæскомцæдисон дæр.

Уæд нæм афтæ каст, цыма æрмæстдæр уыцы рæстæджы хъайтартæн суыдаид сæ бон стыр сгуыхтдзинæдтæ равдисын. Фæлæ нæ хъуыды раст кæй нæ уыд, уый фæбæрæг Филипов, Хабибуллин æмæ æндæртæ цы сгуыхтдзинæтæ равдыстой, уый базонгæйæ.  Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы къаддæр æхсардзинад нæ равдыстой ирон лæппутæ дæр. Сæрбахъуыды рæстæджы уыдон дæр фæстæ ницæмæй фæлæууыдысты гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ тох кæнгæйæ. Советон дуджы рæстæджы хъуыды дæр никуы ничи акодтаид, зæгъгæ, рацæудзæн цалдæр дæс азы æмæ нæ райгуырæн Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæ дæр æвдисдзысты хъæбатырдзинады  ахæм диссæгтæ. Бирæ ирон цардбæллон лæппутæ бабын сты сæ радтæг Ирыстоны сæрвæлтау. Цæвиттонæн æрхæссдзынæн Санахъоты Гришикы. Ацы цардбæллон хъæбул йæ фæстаг сулæфты онг дæр йæ дзыхы дзаг хъæр кодта, «æз ирон дæн», зæгъгæ. Кæд ын æнахуыр фыдмитæ фæкодтой, уæддæр йæ радтæг адæмы, йæ Ирыстоны сæрвæлтау равзæрста кады мæлæт. Æмæ цал æмæ цал ахæм цæвиттонæн ис æрхæссæн…

Уæдæ диссагæн дзуринаг не сты 2008 азы августы æнæмсæр тугуарæн хæсты рæстæджы Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты хъæбатырдзинæдтæ. Уыдон дыууæйæ æрлæууыдысты гуырдзиаг тыхæйисджыты танкæты раз æмæ сæ цасдæр рæстæджы не ‘рбауагътой гортæмæ æрбахизын æмæ афтæмæй аирвæзын кодтой сæдæгай адæймæгты цард. Дыууæ дæр хъæбатырæй сæ мæлæт ссардтой сæ Райгуырæн Ирыстоны сæраппонд. Уæдæ Джиджойты Джетæ иунæгæй гуырдзиæгтæ Сталины уынджы кæцы хæдзары æмбæхстысты, уырдæм кæй бацыд, уый дæр хъайтардзинад нæу? Уый йæ кæд æмбæрста фæстæмæ сæрæгасæй гæнæн ис æмæ мауал рахиза, уæддæр  бабырста уырдæм æмæ  уымæн дæр Филиповау уый уыд йæ фæстаг тох. Æмæ чи фæнымайдзæнис ирон лæппутæй стыр хъайтардзинæдтæ чи равдыста, уыдоны.  Бирæ, тынг бирæ сты уыдон, фæлæ иу уацы æрдзурæн нæй алкæйы тыххæй. Сæ хъайтардзинæты сын ферох кæндзысты сæ радтæг адæм.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.